Украинæйы ЦÆК-ы  сæрдар – æвзæрстытæ,  сабыр æмæ  демокративон уавæрты ацыдысты
Украинæйы ЦÆК-ы сæрдар – æвзæрстытæ, сабыр æмæ демокративон уавæрты ацыдысты

Украинæйы   Централон æвзарæнон  камисы   сæрдары, Татьяна Слипачукы  фидиуæнæй,  президентон  æвзæрстытæ   сабыр æмæ  демокративон уавæрты ацыдысты.

Слипачук  куыд дзуры  афтæмæй,  æвзæрстытæм  æвзæрстгæнджыты 12 процент нæ рацыд.  Афтæдæр йæ информацийæ,  æвзæрстыты  дыккаг тур, дыууæ къуыримæ  снысан уыдзæн.

«Хъæлæсты фылдæр, 60%  фылдæр  ныридæгæн  бахыгъд кодтам, сæ нымæцы æндæр  бæстæты  бæрæггæнæнтæ.  Æвзæрстытæм ,  æвзæрстгæнджыты  зæгъæн ис, 12  процент  нæ  рацыдысты.  Æнæкæсгæ уымæ,  цæмæй  уыд ныхас  цæвиттон   бæрæг фадгуытыл   сфиксир сты   тыхмийы æмæ  аиппытæ, фæстагмæ æмтгæй райсгæйæ  æвзæрстытæ  сабыр   уавæрты æмæ демокративонæй  ацыдысты.

Дыккаг тур  снысан уыдзæн 2  къуыримæ. Уый махæн  бацæттæ кæнынæн  тынг цъус рæстæг у, фæлæ  уырнæг стæм, цæмæй  дыккаг  тур дæр, сабыр уавæрты  ацæудзæн», –   банысан кодта Слипачук.

Украинæйы  президентон æвзæрстыты  дыккаг тур, артист æмæ шоумэн  Владимир Зеленскийы æмæ архайæг президент  Петро Порошенкойы  æхсæн сырæздзæн.