Украинæйы æттаг хъуыдтæгты министрад сиды Иранмæ, Уæрæсейæн хæцæнгæрзтæ æрвитынæй йæхи бауромой, кæцы Украинæ-Ираны ахастытæн æнæнхъæлæджы фæстиуджытæ æрхæсдзæн
Украинæйы æттаг хъуыдтæгты министрад сиды Иранмæ, Уæрæсейæн хæцæнгæрзтæ æрвитынæй йæхи бауромой, кæцы Украинæ-Ираны ахастытæн æнæнхъæлæджы фæстиуджытæ æрхæсдзæн

Украинæйы æттаг хъуыдтæгты министрад йæ тыхстдзинад сиды информацийы фæдыл, кæцы медийы ахæлиу ис Ираны æрдыгæй Уæрæсемæ баллистикон ракетæты ахæлиуы фæдыл.

Украинайы æттаг хъуыдтæгты министрад Тегеранмæ сиды, цæмæй Мæскуымæ цыфæнды хуызы хæцæнгарзы ифтонгадæй йæхи бауромой.

«Украинæйы æттаг хъуыдтæгты министрад арф тыхстгонд у уыцы информацийæ, кæцы æппæтдунеон медийы хъусын кæнынц, Ираны æрдыгæй Уæрæсейы Федерацимæ баллистикон ракетæты гæнæн æрвысты фæдыл. Ноджы иу хатт сидæм Ираны къухдариуæгадмæ, цæмæй сæхи бауромой цыфæнды хуызы хæцæнгарз æмæ æфсæддон техникæ Уæрæсейæн, кæцы ИНО-йы харти æмæ æхсæнадæмон барады нормæтæм гæсгæ агрессивон паддзахад у» – ис фыст Украинæйы æттаг хъуыдтæгты министрады расидæны загъта.

Украинæйы æттаг хъуыдтæгты министрад Тегераны фæдзæхсы, цæмæй снысангонд хъусинæгты сбæлвырд кæнын æнæнхъæлæджы фæстиуджытæ æрхæсдзæн Украинæ æмæ Ираны æхсæн дыууæфарсон ахастытæн.