«Украинæ, Молдовæ æмæ Гуырдзыстон, «Скæсæн Партнерады» антиуырыссаг донвæдмæ ауадзын нæ бахъом уыдзысты»
«Украинæ, Молдовæ æмæ Гуырдзыстон, «Скæсæн Партнерады» антиуырыссаг донвæдмæ ауадзын нæ бахъом уыдзысты»

Сергей Лавров  Евроцæдисы  цалдæр бæстæ æмæ афтæдæр Молдовæ, Гуырдзыстон  æмæ Украинæ, «Скæсæн Партнерады»  антиуырыссаг  нысæнттæн  пайдакæнынады фæазымджын кодта.

Сæрмагондæй ты, Уæрæсейы сæйраг хахуырхæссæг дипломат  дæнцæн æрхаста Стыр Британийы  премь-министр Тереза Мейы  ноябры кæрон Брюсселы  цы фидиуæн сарызта уый.

«Æнæкæсгæ  амæ,  Евроцæдисы уæнгты фылдæр, хъуыды кæнынц цæмæй  ай уыйдзæн радон æнæнтыст архайд, уымæн  æмæ æмбарынц цæмæй «ХПÆ (СНГ)»-ы уæнг бæстæты антиуырыссаг   ахасты æрфидар кæнын  у контрпродуктивон æмæ  перспективæ кæмæн нæй  – ахæм.  Ацы æрдгæй иттæг нысаниуæгджын уыд Белорусы  позици.  Афтæдæр  нæ зæрдæ не хсайы  Сомихыстоны æмæ  Азербайджаны позицимæ.  Фæлæ афтæдæр уынæм  куыд архайынц нæ украинаг, молдовайаг æмæ гуырдзиаг коллегæтæ. Фæлæ мæ ныфс ис  æмæ уырнæг дæн,  цæмæй  нæ бахъом уыдзысты  «Скæсæн  Партнерады» схемæйы антиуырыссаг донвæдмæ ауадзын» – расидтис Сергей Лавров СTV -имæ  интервьюйы.

Афтæдæр! Ацы интервьюйы  Уæрæсейы  фæсарæн хъуыддæгты министр  фæныхас кодта НАТО-йы фæдыл. ЙÆ ныхæстæм гæсгæ, НАТО иу хатт  нырид тыхбын бакодта  Уæрæсейы сыхаг бæстæты  æвзарæны  саразын.

«Уый ты, Гуырдзыстон æмæ Украинæйы  расидтис уыцы фæстиуæг, кæцыйы  алчидæр федта» –  дзуры Лавров.