Украинæ, Гуырдзыстонимæ сæрибар базарады бадзырдмæ идтытæ хæсы, кæцы экспортертæн ахъаззаг фадæттæ сæзæрын кæндзæн
Украинæ, Гуырдзыстонимæ сæрибар базарады бадзырдмæ идтытæ хæсы, кæцы экспортертæн ахъаззаг фадæттæ сæзæрын кæндзæн

Украинæйы  хицауад Гуырдзыстонимæ сæрибар  базарады фæдыл бадзырндмæ  ивдтытæ  бахæссыны  процедурæ райдыдта. Уый  фæдылинформацийы   украинаг   рауагъдад  «Европейская  Правда»   Украинæйы  экономикон тынгады  министрады  пресс-кустыл æнцойæ   хæлиу кæны.

Уагдоны   хъусинагæй   16   январы   Украинæйы   хицауад   фыццаг вице- премьер, Степан Кубивæн бахæс  кодта   къу бафысын Украинæйы æмæ Гуырдзыстоны  хицауадьы æхсæн протоколы  1995 азы 9 январы   сæрибар базарады фæдыл бадзырдмæ ивдтытæ  бахæссыны  фæдыл.

Ивдтытæ   Украинæ æмæ  Гуырдзыстонæн фадат ратдзæн  дыууæфарсон базарады  спайда кæной   пан-евро-Зæххастæу денджызы   преференцион  равзæрды фæдыл  регионон конвенцийы  уагæвæрдтæ,   сæрмагондæй та  диагоналон  кумуляцийы  эффектæй.

2019  азы  фыццаг январæй  Украинæ  Евроцæдисимæ пан-евро-зæххастæу денджызы   конвенцийæ пайда кæнын райдыдта.  Уый у  Евроцæдисы  бакуыст  инструмент  сæрмагонд базарадон партнертимæ, афтæдæр ацы  бæстæты   кæрæдзиимæ  æмкуысткæнынады тыххæй.   КИевы   хъусын кæнынц, цæмæй   конвенцийы  Украинæйы  хайад   ахъаз уыдзæн   украинаг продукцийы  æртыккаг бæстæты  базартæм  фæхæццæ кæнынæн.

Украинаг медиа куыд фыссы афтæмæй,    пан-евро-зæххастæу денджызы  конвенцимæ гæсгæйæ,   украинæйы   продукцийы  кæныны  рæстæджы  гæнæн бауыдзæн  Гуырдзыстоны, хомæг æмæ скæнæг  элементты балхæнын, æрмæст цæттæ   продукцийы  экспорт та,  конвенцийы   хайадисæг  æндæр бæстæтæм.  АНалогионæй  гæнæн уыдзæн Гуырдзыстоны  амалиуæгады рæстæджы  украинаг  æрмæджытæй  пайда кæнын æмæ  фæстæдæр продукцийы  экспортмæ уадзын.

«Практикæйæ, уый нысан кæны,  цæмæй  украинаг амалиуæгдартæн сæ бон уыдзæн   Гуырдзыстонæй    хомæгы  импорт,  Украинæйы   уый  бакусын  æмæ дæнцæн,  Германимæ экспорт, украинаг равзæрды  сертификаттæй» –  бамбарын кодта  вице-премьер, Степан  Кубив.

Йæ ныхæстæм гæсгæ,   пан-евро-зæхастæу денджызы    конвенцийæ  спайда,  украинаг-гуырдзиаг базарады  украинаг  экспортертæн  бирæ  пайдаджындæр   аууæлттæ  сæвзæрын кæндзæн.

Украинæ пан-евро-зæхастæу денджызы преференцион   равзæрды  уагæвæрды фæдыл  регионон конвенцийы уæнгæй ссис  2018 азы  фыццаг февралы.  Гуырдзыстон та йæм баиу ис   2017 азы  майы.  Конвенцийы  хайадисæг бæстæтæн,  сæ бон у  кæрæдзийы   хомæг  æмæ  æрмæджытæй пайда кæнын, базайрагы  равзæрды   преференцион статус  нæсафгæйæ.