Украинæ, Гуырдзыстон æмæ Молдовæ бадзырдтой æртæфарсон æхсæнпарламентон ассамблейы саразыны фæдыл
Украинæйы уæллаг Радæйы спикер Андлрей Парубий хъусын кæны, цæмæй Гуырдзыстоны Украинæйы æмæ Молдовæйы парламентты сæрдæрттæ æртæ бæстæйы æхсæнпарламентонм ассамблейы саразыныл бадзырдтой.
Агентад «Интерфакс Украинæ» куыд фыссы афтæмæй, уый фæдыл Парубий Киевы уагъд брифингы рæстæджы райхъусын кодта.
«Сау Денджызы æрдæм æмкуысткæнынады фæарфдæры æнæмæнгхъæугæдзинады зæрдылдаргæйæ, рацыдтæн инициативæйæ, сырæза Украинæ-Молдовæ-Гуырдзыстоны æртæфарсон æхсæнпарламентон ассамблей, уæлдайдæр кæд нæ зæрдыл дардзыстæм уый ома не ртæ бæстæйы дæр ис Уæрæсейы æрдгæй оккупацигонд территоритæ» – загъта Андрей Парубий.
Йæ ныхæстæм гæсгæ фæнысангонд инициативæйæн йæ фарс рахæцыдысты парламентты сæрдæрттæ. Ныр фарсты æртæ бæстæйы парламентты комитеттæ хъуамæ æркæсой цæй фæстæ дæр æй закъондæтджытæ хъуамæ сбæлвырд кæной.
«Ныфс мæ ис ай æрцæудзæн уалдзæджы æмæ сæрды райдианы, махæн нæ бон бауыдзæн Киевы парламентты минæвæртты масштабон регоиналон конференцийы саразын» – банысан кодта уæллаг Радæйы спикер.