Украина, Гуырдзыстон æмæ евроцæдисы цалдæр паддзахад, «Сырх Зонæйы» бæстæты номхыгъдмæ бахаста
Украина Гуырдзыстон бахаста «сырх зонæйы» бæстæты ранымадмæ. Информацийы хъусын кæны «Европейская правда». Фыццаг агвустæй скуыста ног классификаци, кæцы бæрæг кæны а.х. цъæх æмæ сырх зонæйы уæвæг бæстæты.
«Сырх зонæмæ» хаудзысты уыцы бæстæтæ цы ран фæстаг 14 боны дæргъы, фæйнæ 100 мин æмбæстагыл, коронавирусы цауты нымæц Украинайы фиксиргонд аналогион бæрæггæнæнæй бæрзонддæр уыдзæн. Афæтма уыцы бæстæтæ, цы ран коронавируксы цауты нымæц, фæстаг 14 боны дæргъы 30%-æй райрæзтис.
Ног классификацимæ гæсгæйæ, 31 июл нымайгæйæ, «Цъæх зонæмæ» бахаудысты, Швеци, Португали, Хорвати, Белорус, Стыр Британи, Турк, Словени, Египет æмæ Итали. Ацы бæстæтæй Украинамæ ныццæугæ æмбæстæгтæ, нæдæр хиизоляцимæ хиздзысты æмæ сæ нæдæр коронавирусыл тест ацæуын бахъæудзæн.
«Сырх Зонæйы» та сты Гуырдзыстон, Венгри, Китай, Германи, Чехи, Болгари, Албани, Монтенегро, Польшæ, Франц, Уæрæсе æмæ а.д. Ацы бæстæтæй Украинамæ ныццæугæ æмбæстæгты, бахъæудзæн коронавирусыл тесты фæстиуæг равдисын кæнæ 14 бонон хиизоляцимæ ахизын.
Æнæнизхъахъхъæды министрад а.х. сырх зонæйы бæстæты номхыгъд алы авд боны мидæг иу хатт ранæуæг кæндзæн.