Уильям Кортни – оппозицийы æрдгæй Гуырдзыстоны парламентæн бойкотимæ ныгуылæн нæ разы кæны
Гуырдзыстоны АИШ-ы раздæры минæвар, Уильям Кортнийы дзырдæй, зæгъгæ оппозицийы æрдгæй парламентæн бойкот расидынæн ныгуылæнæй фарсхæцын нæй. Уый фæдыл раздæры минæвар фыссы «Твиттеры».
«Ныгуылæн 9 августы Белорусы æвзæрстытæ уый йас закъонмæ æнæмбæлоныл банымадта, æмæ райхъусын кодта, цæмæй ног æвзæрстытæ ауадзын хъæуы. Фæлæ Гуырдзыстоны 31 октябры парламентон æвзæрстытæ уый йас фальсификацигонд нæ уыдысты, фæстиуджытæ аивай. Оппозицийы æрдгæй парламентæн бойкотæн Ныгуылæнæй фарсхæцын нæй», – фыссы Гуырдзыстоны АИШ-ы раздæры минæвар.