Уартджын Хæфсы  Цады  алфæмбылæйттæ æмæ вело-фæндæгтæ  ныссыгъдæг сты
Уартджын Хæфсы Цады алфæмбылæйттæ æмæ вело-фæндæгтæ ныссыгъдæг сты

Æнæххæстбар æхсæнад  «Тбилсервис Къорды»  кусджытæ  Кустбайы  алфæмбылæйттæ ныссыгъдæг кодтой, афтæма  велосипеды фæндæгтæ.  Территори цардуагон  æмæ  арæзтадон   баззаййæггæгтæй   ныссыгъдæгис.   Фæнысангонды фæдыл   информаци Тбилисы  мэриа   хъусын кæны.

Афтæма сæ хъусинагæй, ныссыгъдæгы  акцийы  хайад райста  «Тбилсервис Къорды» директор Давит Пачулиа.

«Тынг хъыгаг у, цæмæй  ахæм рекреацион   зонæты  ныл æмбæлы цардуагон æмæ  инертон  бырон.  Сæйраг горæты  цæрджытæм æмæ хицæн компанитæм нæ сидт у, цæмæй  ма ныууадзой  бырон   ахæм рæтты æмæ  иу  æй  ныккалой   хæстæг уæвæг  контейнерты.    Уый зын нæу,  æрмæст  дзы алчи хъуамæ  бамбарæм   цас знаггад  кæнæм   æрдзæн.  Фæцауæрдæм  нæ горæтыл, æрдзыл,  кæм цæрæм уый», –  банысан кодта   Давит Пачулиа.

Сæйраг горæты мэриайы  информацийæ, ахæм ныссыгъдæджы   акцитæ  Тбилисы масштабæй  æппæт дæс   районы  этапгай  план кæны.