Уæзласæн æмæ рог автомобильтæн техинспекцийы домæнтæ карздæр кæнынц
2018 азы 1-аг январæй, уæзласæг æмæ бæлццонон автомобилты тех-инспектирдзинады домæнтæ карздæр кæнынц. Этапгай та техникон инспектирдзинад æндæр типы транспортон фæрæзтæм дæр бандавдзæн.
2018 азы 1-аг июлæй, техинспектирдзинаджы уыцы автомоболтæ ацæудзысты, кæцытæ компаниты кæнæ паддзахадон структурæты сæрмæмулкъы сты, 2018 азы 1-аг октябрæй та техинспектирдзинад бандавдзæн уыцы рог автомобильттæм дæр, кæцыты моторы бæрцуат 3,0 кæнæ уымæй фылдæр у.
Фæдылдзог этап, кæцы 2009 азы 1-аг январæй райдайдзæн, уыцы автомобилтæм баххæсдзæн, кæцыты моторы бæрцуат 3,0-æй къаддæр у.
Техинспектирдзинады аргъ рог автомобилыл уыдзæн 60 лари, æрмæст уæзласæг æмæ бæлццонон транспортæн та 100 ларийы. Кæд æмæ тæрæг иу мæйы æмгъуыдмæ сахъат нæ рараст кæндзæн, уæд æй 50 ларийæ фæивар кæндзысты, юридикъон уæнгæн та ивары бæрц уыдзæн 200 лари.