Уæвæг информацимæ гæсгæ, барадхъахъхъæнджытæ Ника Гварамиайы æрцахстой
Уæвæг информацимæ гæсгæ, барадхъахъхъæнджытæ «Коалици ивæндзинады» лидертæй иуы Ника Гварамиайы æрцахстой. Парти «Дроайы» офисы барадхъахъæнджытæ басгæрст кодтой.
Уæвæг информацимæ гæсгæ, офисы алыварс районы Ника Гварамиа æмæ полицийы æхсæн ныхмæлæуд сырæзт, цæй фæстæ та Гварамиайы барадхъахъхъæнджытæ æрцахстой æмæ йæ районæй рахастой.
Абон, цалдæр сахаты размæ, организацитæй иуы æмæ цалдæр оппозицион партийы офистæм полици бацыд.