Уæрæсейы, Турчы æмæ Ираны президенттæ, Сочæйы æртæфарсон саммитыл, Сирийы кризисыл фæуынаффæ кодтой

Сирйиы  кризис уыд  тæрхоны  сæйраг темæ  Сочæй, Уæрæсейы, Турчы æмæ Ираны  президентты  æртæфарсон саммитыл.  Фембæлдыл  æртæ бæстæйы   лидертæ  загътой, цæмй  Сирийы  цæгат-скæсæны æдасдзинады æмæ стабилондзинад срæвдз кæнынæн, координиргондæй  архайдзысты.

Турчы президенты фидиуæнæй,   Анкъарайы зæгъгæ, СИрийы  ног гуманитарон кризис  сцырын кæнын  нæ  фæнды æмæ ныфс æвæры,  цæмæй  конституцион   комитеты  формирдзинад  æввахсдæр фидæны  æрцæудзæн.

«Æртæ  гарантор  бæстæ, хæрх  политикъон регуляцитæ кодтой.  Ай бæрц ныфсытæ  зæгъгæ  никуы  уыдис.  Денджызы иннæ  æрдæм куы ахызтыстæм, уæд нæм уый бар нал ис,  цæмæй  нæ цæугæдон аласа» – ратта Эрдогъан.

Конфликтыл   ныхасы рæстæджы Уæрæсейы  президент  йæ хъусдард раздæхта  Сирийы  Идлибы  регионы сырæзт  уавæры æрдæм  æмæ банысан кодта, цæмæй  æхсты  фæурæды  режим терроризмимæ  тохыл тыхархайдыл  æппæрццаг ма хъуамæ  бандава.  Владимир Путины  дзырдæй,  æфсæддон  къордты  æрдгæй  агрессивон  архæйдтæ  æнæфхæрд ма хъуамæ баззайæт.  Уæрæсейы  президент  бахахх кодта Сирийы  территорион  æнæхъæндзинад бахъахъхъæныны  æнæмæнгхъæугæдзинад.

Ираны президент, йæхи æрдгæй  хъусдард  раздæхта, Сирийы Израилы  æфсæддон  архæйдтыл  æмæ загъта, цæмæй  Израилы æрдгæй  Сирийы  уæлдæфон  тыгъдад халын  æмæ авиа-бырстытыл зæгъгæ ИНО ныхъхъус ис.