Уæрæсейы паддзахадон Думæ оккупацигонд Украинайы регионты Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бацыдимæ сразы ис
Уæрæсейы паддзахадон Дума оккупацигонд Украинайы регионты Уæрæсейы Федерацийы скондмæ бахизынимæ сразы ис. А.х. Луганскы хæдрасидт республикæйы Уæрæсемæ баиу кæнынæн схъæлæс кодтой 413 депутат, а.х. Донецкы адæмон республикæйæн 0 412, Запорожьейы зылды – 409, Херсоны та – 411. Цыппардæр цауы уынаффæйы ныхмæ ничи схъæлæс кодта.
Фæстæдæр Уæрæсейы Думайы спикер æмбарынгæнæн ратта, цæмæн фæзындис таблойыл фарсхæцæг депутатты хъауджы нымæц. Вячеслав Володин депатуттæй ракуырдта фылдæр хъусдард равдисын. Уый фæстæ Думайы депутаттæ рывнæлдтой Украинайы цыппар регионы Уæрæсейы Федерацимæ бацыды фæдл конституцион проекты кæсынмæ.
Бадзырдтæ, кæцы Украинайы зылдты Уæрæсейы нысангонд къухдариуæггæнджытимæ бафыстæуыд Уæрæсейы закъондæттæг оргæны бæстæйы фæсарæн хъуыддæгты министр бавдыста. СерГей Лавров йæ рацыды скритикæ кодта АИШ-æ æмæ райхъусын кодта, цæмæй Мæскуымæ ис бар, баиргъæва уырыссæгнты æмæ уырыссагæвзагон æмбæстæгты Украинайы.
Райсом оккупацигонд Украинайы зылдты Уæрæсейы Федерацимæ бакæнын хъуамæ сбæлвырд кæна Уæрæсейы закъондæттæг органы уæллаг палатæ, Федерацийы совет.
Уæрæсейы презердент Украинайы цыппар зылды анексийы фæдыл бадзырдтæ 30 сентябры бафыста.