Уæрæсейы оккупацион æфсады æрдгæй  Украинайы горæт Херсоныл бомбæкалды фæстиуæгæн иу  сабыр æмбæстаг амард, цыппар та фæцæф сты
Уæрæсейы оккупацион æфсады æрдгæй Украинайы горæт Херсоныл бомбæкалды фæстиуæгæн иу сабыр æмбæстаг амард, цыппар та фæцæф сты

Урæсейы  оккупацион  æфсады æрдгæй  Украинайы горæт Херсоныл  бомбæкалды фæстиуæгæн,  иу  сабыр æмбæстаг  амард, цыппар та уæззау  цæфтæ сты.   Горæт  Херсоны 20-ы онг   сармадзаны нæмыг  цæрæн зонæйы æрхаудтой.

Украинаг  медиайы  информацийæ, уырыссаг  æфсæддæттæ  Херсоны  регионыл  минææхсджытæй,  артиллерийæ, танкътæй æмæ æфсæддон  хæдтæхджытæй   æхстой  омбæтæ.  Уæрæсейы æфсады бомбæкалды нысанæй  ссис  Днепропетровскы   регион дæр.

Украинаг  æфсæддон   экспертты  аргълæвæрдæй. Донецкы регионы, горæт  Авдеввкæйы  æрдæмадæй Уæрæсе  æфсæддон  тыхты ротаци æххæст кæны  æмæ цæттæ кæны   массивон   бырсæнцыды  æртыккаг уылæнмæ, кæцы   æнхъæлцау, раззаг дыууæйæ  бирæ тыхджындæр уыдзæн.  Ацытæккæ  Авдеввкæйы цур, иууыл цъус 40 000 хуырыссаг  æфсæддон у  мобилизацигонд.

Параллелонæй Украинайы  медиа фыссы, цæмæй  Уæрæсейы æфсады æхсæн сæф  Украинайы  Авдеевкæйы  æрдæмадæй  ныр 25 процентæй фылдæр у, Бахмутмæ бырстимæ абаргæйæ.

Хæст баццахуыргæнæг  институты  хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ, уырыссаг   оккупанттæ   æвзæр боныгъæды тынг кæнынц  бырсæнцыд æмæ архайынц  инициативæ  бацахсын  Уæрæсейы Федерацийы  президентон æвзæрстыты онг.