Уæрæсейы  мессенджертæй  анонимонæй  пайда кæнын  фæтобæ кодтой
Уæрæсейы мессенджертæй анонимонæй пайда кæнын фæтобæ кодтой

Уæрæсейы  мессенджертæй анонимонæй  пайдакæнын  тобæгонд у.  Уæрæсейы  хицауады  барамындæй,   мессенджерты оператортæ  хæсджын  суыдзысты  пайдагæнджыты  идентификаци скæнын   телефоны номыры фæрцы.  Бастдзинады оператортæ  ацы  бæрæггæнæнты  специалон  базæмæ бахæсдзысты.

Закъонмæ гæсгæйæ,   мессенджеры  ног    пайдагæнæджы  регистрацийы  рæстæджы, адлминистраци хъуамæ  баздæха  мобилон опреатормæ, кæцы телефоны   номыры  хицауы фæдыл  информацийы,   20 минутмæ хъуамæ ратта.  Ахæм цауы,   пайдагæнæгмæ лæвæрд цæуы  къод,   кæцыйæ регистрацийы   процесс  кæронмæ бакæндзæн.  Йæхи æрдгæй,    мобилон оператор  сараздзæн базæ, кæцыйы  бавдыст уыдзæн  цæмæй  кæцы мессенджерæй   пайда кæны конкретон  гоймаг.

Уыцы цауы, кæд клиенты æрфæнддзæн   мобилон операторимæ  бастдзинад аскуынын, уæд ацы фæстаг  уый тыххæй  мессенджеры  администрацийæн  24 сахаты  мидæг  хъуамæ  фехъусын кæна.