Уæрæсейы хицауад, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты маргджын буарадтимæ баст инциденты детæлтты равзарын домы
Уæрæсейы хицауад, Тбилисы æхсæнадæмон аэропорты хмаргджын буарадтимæ баст инциденты детæлтты равзарын домы.
Агентад «ТАСС» куыд фыссы афтæмæй, уый фæдыл Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг, Григорий Карасин райхъсын кодта.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Уæрæсей фæсарæн хъуыддæгты уагдон йæ цæст дары 2 июлы Тбилисы æхсæнаæмон аэропорты æрцæугæ инциденты фæдыл ситуацимæ.
«Гуырдзыстоны Швейцарийы минæварадимæ арзйæг Уæрæсейы интересты секци, активонæй баст у ацы фарстæй. Дарддæр кæнæм фæдæвзарæнмæ лæмбынæг цæстдард. Гуырдзиаг фарс хъуыддаджы фæдыл нæм информаци дæтты, уый тыххæй дæр банхъæлмæ кæсдзыстæм фæдæвзарæны фæстиуджытæм» – банысан кодта Карасин.
Цыдæриддæр та инциденты тыххæй ахст гоймагы æмбæстагдзинадмæ æххæссы, Григорий Карасин райхъусын кодта, цæмæй æввахсдæр бонты ахæстмæ бауадздзысты дипломатты.
«Уый фæстæ дзы æмбæстагдзинад фылдæр бæрæг суыдзæн» – райхъусын кодта Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæг.