Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады хъусын кæнынц, цæмæй Украина  Уæрæсейы территорийыл æнæпилот тæхæнг аппараттæй бырст сыххæст кодта
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады хъусын кæнынц, цæмæй Украина Уæрæсейы территорийыл æнæпилот тæхæнг аппараттæй бырст сыххæст кодта

Уæрæсейы   хъахъхъæнынады минстрады хъусын кæнынц, цæмæй  Украина  Уæрæсейы  территорийыл  æнæпилот тæхæн  аппараттæй   бырст сыххæст кодта.  Уагдоны  информацийæ, скуынæг   кодтой 24  дроны.

Хъахъхæнынады министрады фидиуæны куыд дзырдæуы  афтæмæй,  уæлдæфон  хъахъхъæды  системæтæй   цыппар   украинаг  дроны æрыппæрстой Брянскы, Смоленскы  æмæ Тулæйы   зæлдты. Уагдоны бæлвырд кæнынц, цæмæй  хæдтæхæджы типы  æнæпилот  аппаратты нысан уыд  Уæрæсейы  Федерацийы  территорийыл уæвæг  цалдæр объект.

Мæскуыйы  афтæдæр райхуъсын кодтой, цæмæй  дронтæй  бырст æхсæвы дæргъы сыххæст ис  нырма Мæскуыйы, Калугæйы æмæ Брянскы зылдтыл, кæцыты  территоритыл  Уæрæсейы  уæлдæфон иргъæфы  системæ  11 æнæпилот тæхæн аппараты æрыппæрста, стæй та ноджы фараст дрон  æрыппæрстой  æхсæвы Калугæйы, Брянскы æмæ Тулæйы  зылдты.

Уæрæсейы  хицауады  куы  хъусын кæнынц афтæмæ,  бырсты фæстиуæгæн  Тулæйы  зылды  базиан ис  бирæуæладзыгон  цæрæн хæдзар, кæцыйыл дрон сымбæлдис. Фæлæ зылды губернатор куыд  дзуры, афтæмæй  зиан æнæнысаниуæгджын у  æмæ  ничи фæцæф ис.

Цалдæр бастыхайы  базианы фæдыл  хъусын кæны Мæскуыйы  зылды  губернатор дæр.  Афтæма йæ  дзырдæй, бырсты  фæстиуæгæн  нæй фæмардуæвджытæ æмæ цæфтæ.

Мæскуыйы  зылдыл  бырсты тыххæй, рæстæгмæ  арæд уыд  Уæрæсейы  сæйраг горæты  аэропортты «Домодедовойы» æмæ «Внуковойы» куыст.  Уырыссаг медиайы  хуъсинагæй,  фæстæдæр  аэропорттæкусын сног кодтой.

Калугæйы  зылды  хъусын кæнынц, цæмæй  бырсты  фæстиуæгæн  зиан не сфиксир ис.