Уæрæсейы фæстаг 24 сахаты мидæг коронавирусæй фæрынчын ис 1154 адæймаг, кæцы ныры онг фиксиргонд сегасæй бæрзонддæр бæрæггæнæн у
Уæрæсейы «Ковид-19»-æй фæстаг 24 сахаты мидæг 1154 адæймаг фæрынчын ис, кæцы ныры онг фиксиргонд сегасæй бæрзонддæр бæрæггæнæн у. Уый фæдыл фыссы «Альджазира».
Æмтгæй райсгæйæ бæстæйы вирусы 7 497 цау фæбæрæг ис.
Уымæй уæлдай ма, фæстаг 24 сахаты мидæг Уæрæсейы «Ковид-19»-æй фæмард 11 адæймаг. Вирусы апарахатæй абоны онг бæстæйы ног коронавирусæй 58 адæймаг фæмард.