Уæрæсейы фæстаг 24 сахаты коронавирус 6 719 адæймагæн сбæлвырд ис, амард 93 пациент
Уæрæсейы, фæстаг æхсæв-боны дæргъы, «Ковид-19» 6 719 адæймагмæ сбæлвырд ис, амард 93 пациент. Информацийы «Дождь» хъусын кæны Уæрæсейы хицауады оперативон штабыл æнцойæ.
Уæрæсейы хицауады ахæлиугонд официалон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бæстæйы эпидемийы фыццаг бонæй абоны онг, «Ковид-19» сбæлвырд ис 641 156 адæймагмæ. Амард 9 166 фæрынчынуæвæг. Оперативон штабы хъусын кæнынц, цæмæй фæрынчынуæвджыты æмтгæйон нымæцæй 403 430 адæймаг сæнæниз ис.