Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад, хъæу Цънелисы цур сырæзт уавæры тыххæй фидиуæн аразы
Цънелисы хъæуы цур ныттынгонд уавæры цыбырдæр æмгъуыдты ивтыгъд суадзын æнæмæнгхъæугæ у – уый фæдыл дзырдæуы Уæрæсейы Фæсарæн хъуыддæгты министрады ахæлиугонд фидиуæны, кæцы публикацигонд æрцыд, Мæскуыйы Женевæйы дискусситы æмсæрдæртты æмæ Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министры хæдивæгы фембæлды фæстæ.
«Консультациты рæстæджы касты сæйраг темæ, хуссар Ирыстоны Республикæйы æмæ Гуырдзыстоны арæныл сырæзт уавæр уыд. Уырыссаг фарс акцент раздахта арæйнон хаххы цур æмæ хъæу Цънелисы районы ныттынгонд уавæры цыбырдæр æмгъуыдты ивтыгъд суыадзыны æнæмæнгхъæуындзинадыл, кæцы хъуамæ æрцæуа компромиссты бацагуырды æмæ диалогы фæндагæй, æрмæст иуфарсон архæйдтытыл нæзагъд ракæнын хъæуы» – дзырдæуы фидиуæны.
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрады куыд дзурынц афтæмæй, Женевæйы дискусситы радон раунд, плангонд у октябрьмæ.