Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад дзуапп дæтты Гиорги Квирикашвилийы сидтæн
Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты министрад, Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилийы Уæрæсейы хицауадмæ 9 марты сидтæн дæтты дзуапп. Уæрæсейы æддæ хъуыддæгты уагдоны фидиуæны куыд дзырдæуы афтæмæй, Мæскуыйы премьер Квирикашвилийы фидиуæнæнимæ лæмбынæг æрзонгæ сты æмæ райгонд сты сидты разагъд ахастæй.
«Мæскуыйы лæмбынæг æрзонгæ стæм Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвилийы 9 марты фидиуæнимæ. Зæрдæмæджзæугæйыл нымайæм цы ахзаст у æвдыст дыууæфарсон ахастыты нормализацийы процессы адарддæр кæныны æмæ фæарфдæр кæнынмæ гæсгæ. Йæ зæрдæ макæмæн хъуам хсайа цæмæй Уæрæсей афтæдæр куыд раздæр, интересджын у сыхаг Гуырдзыстонимæ ахастыты сæнæниз кæнынæй, æмæ цæттæ у, уый бæрц размæ ацæуа, цас цæттæ сты уымæ Тбилисы уымæ гæсгæйæ.
Гиорги Квирикашвилийы æрдгæй Женевæйы дискусситыл прогрессы æрдæм тырнынады банысан кæнынæй, марты кæронмæ плангонд радон раунды рæстæджы гуырдзиаг фарсы æрдгæй конструктивон ахасты ныфсытæ æвзæрын кæны.
Уырнæг стæм, цæмæй ахæм ахастæй райгонд уыдзысты бадзырдты æндæр хайадисджытæ æнæкæсгæ уымæ, цæмæй чи къухдариуæг кæндзæн Женевæйы гуырдзиаг делегацийæн.
Нæй гæнæн афтæдæр райгонд ма уæм Абхазимæ æмæ Хуссар Ирыстонимæ комкоммæ диалогы æрдæм деклариргонд тырнынадæй. Растдæр ахæм у уыцы фарстыты регилирдзинады иунæг реалон фæндаг, кæцытыл тыхсы Гуырдзыстон, æмæ кæцытæ дыууæфарсон, уырыссаг-гуырдзиаг боны фæткъы фæлгæттæй æддæм хызтис. Сæрмагондæй та, уый афтæдæр æххæссы Гуырдзыстоны æмбæстаг Арчил Татунашвилимæ гæсгæ æрцæугæ фæстагрæстæгон хъыгаг инцидентмæ» – дзырдæуы Уæрæсейы фæсарæн хъуыддæгты уагдоны фидиуæны.
Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квирикашвили Уæрæсейы Федерацийы хицауадмæ басидтис, уæззау уавæрыл фæтыхуынæн, иумæйаг къахдзæфтæ æрцæуой æвæрд. Премьеры фидиуæн ахæлиу ис 9 марты. Гиорги Квирикавшилийы сидты куыд у банысангонд афтæмæй, Гуырдзыстоны хицауад бæлвырд кæны, цæмæй интересджын у баххæсса реалон прогрессмæ Женевæйы æхсæнадæмон дискусситы. Премьер банысан кодта, цæмæй цæттæ у, ацы процессмæ йæхæдæг баиу уа.