Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад Женевайы æппæтдунеон дискуситы 49-æм раунды фæдыл расидæн парахат кæны
Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад Женевайы æппæтдунеон дискуситы 49-æм раунды фæдыл расидæн парахат кæны

Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад Женевайы æппæтдунеон дискуситы 49-æм раунды фæдыл расидæн парахат кæны

«Хъусдард сцырын Гуырдзыстоны -Хуссар Ирыстоны арæныл уæвæг Цънелисы районы уавæры фæуæззау, кæцы провоциргонд уыд Тбилисы æскъуыддзагæй.

«Женевæйы бадзырдтыл  Гуырдзыстоны æмæ Хуссар Ирыстоны  арæнгæрон регионы  уæвæг ситуацимæ  гæсгæ, алы  фарс, уыцы  ныттынггонд  уавæры æнæаргъæвгæйæ  деескалацимæ   цæттæдзинад разагъта тыххæй,  кæцы  августы  кæрон  – сентябры райдайæны  сырæзт».

Афтæма  йæ ныхæстæм гæсгæ,  ничи у  цымидисджын   уымæй æмæ ацы  регионы сæвзæра  тынгады  ног артдзæст.

«Ныфс нæм ис, цæмæй  иумæйаг   тынгады   æмвæзад æрдæлæмæ кæнынæн,  иумæ  ахизæнты  фарста дæр  аскуыддзаг уыдзæн æмæ байгом уыдзысты  пунктытæ,  кæцытæ ныр  æхгæд  сты.  Фарста ныр  у  касты  этапыл.  Мах авиазмæлды  фарстайыл  абон  нæ  тæрхон кодтам,  адон сты  æндæр темæтæ,  регионы  уавæр у  иу æмæ дыууæфарсон ахастытæ  та  бынтон æндæр  фарста у. Ацы  фембæлды  фæстæ  нæ  министр, С ергей  Лавров алцыппæт загъта.  Ахастыты нормализаци хъуамæ æрцæуа  æмæ   æрыздæха  уыцы уавæр  уæддæр,  кæцы  июн-июлы  уыдис.  Уæрæсе  никæмæй  ницы  хæс  дары», –  райхъусын кодта  Андрей Руденко.

Афтæдæр йæ ныхæстæм гæсгæ,   Уæрæсейæн зæгъгæ  конфликт  нал ис.

«Уæрæсейæн,  конфликт  Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны банымады фæстæ  æхгæд æрцыд. Махæн  конфликт нал ис,  нæдæр оккупаци ис,  Мах уый хонæм. 2008 азы  дыууæ  ног хæдбар паддзахады  рацарæзт, кæцытæн Уæрæсейы Федерациимæ ис æмкуысткæнынады бадзырд, уый  нымæцы æфсæддон сферæйы дæр», – райхъусын кодта Руденко.