Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад -хъыгдзинад сиды уый æмæ, нæдæр Гуырдзытсоны æмæ нæдæр ныгуылæны нæ райстой фæлварæнæй цæвиттон 2008-æм азы трагикон цауты фæстæ
Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад – хъыгдзинад сиды уый æмæ, нæдæр Гуырдзыстоны æмæ нæдæр ныгуылæны нæ райстой фæлварæнæй цæвиттон 2008-æм азы трагикон цауты фæстæ
2008-æм азы августы хæсты 11-æм азы сæрмæ гæсгæ Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрады прессæ æмæ информацийы департамент рахъæлæба ис.
Дипломативон уагдоны официалон веб-фарсыл парахатгонд информацийы ис фыст, цæмæй «Уæрæсе хъуыды кæны 11 азы размæ, 7-8 æм августы æхсæв æрцæугæ трагикон цаутæ, кæд æмæ Саакашвилийы хицауад гуырдзийаг-ирон конфликты сабырадон фæндагæй æрбиноныгы фæдыл уæвæг æппæтдуноен бадзырдтæ карзæй фехæлдта æмæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ уæрæхмасштабон хæстон архайдтытæ райдыдта.
Расидæны афтæ дæр ис фыст, цæмæй «гуырдзийаг æфсад Цхинвалыл массивон артелерион бабырст сыххæст кодтой, цæй рæстæджы дæр 48 уырыссаг æфсæдтон фæмард, 162 та фæцæф».
Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрады расидæнмæ гæсгæ, Цхинвалыл бабырст æмæ агресси пропорцион нæ уыд. Уырыссаг дипломативон уагдоны информацийæ, «уыцы факт фæстæдæр официалонæй сбæлвырд Кавказы конфликтты нысæнтты фæдыл æппæтдунеон комисы фæдагуырды хаццæгы, кæцы Евроцæдисы эгидайæ сырæзт. Хаццæг, Швейцарийы бæрнон Хайди Тальявини къухдариуæг кодта æмæ 2009-æм азы рапарахат ис.
Хъыгдзинад сиды уый æмæ, нæдæр Гуырдзытоны æмæ нæдæр ныгуылæны нæ райстой фæлварæнæй цæвиттон 2008-æм азы трагикон цауты фæстæ, – ис фыст Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты минситрады рапарахатгонд расидæны.