Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад Гуырдызстоныл кибербабырсты аххосаг æнæбындурон у æмæ политиконæй мотивиргонд нæу
Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад Гуырдызстоныл кибербабырсты аххосаг æнæбындурон у æмæ политиконæй мотивиргонд нæу
Гуырдзыстоныл масштабон кибербабырсты реализацийы аххосаг Уæрæсейы æттаг хъуыдтæгты министрад рахъæлæба ис. Снысангонд коментар министрады официалон веб-фарсыл рапарахат ис.
Уырыссаг фарс гуырдзийаг веб-фарсыл, серверты æмæ оперативон систематыл Уæрæсейы уæрæхмасштабон бабырсты фæдыл информацийы апарахат инсценировкæйæ хоны, аххосаг та æнæбындурон æмæ политиконæй мотивиргонд.
«Хъусдарды куры Вашингтон, Лондон, Тбилис æмæ æндæрты плангонд пропагандистон акцийы синхронизаци. Цыппар мæй бахъуыд, цæмæй Уæрæсейы аххосджынæй схоной» -ис фыст уагдоны парахатгонд фидиуæны.
Уагдон бæлвырд кæны, цæмæй алы аххосаг уырыссаг фарсы фæдыл ныр дæр гуырысхойы бын ис. Фидиуæны ис фыст, цæмæй Уæрæсе-Гуырдызстоны æмахастыты нормализаци дыууæ бæстæйы æмбæстæгты интересты ис, фæлæ æртыгкаг фасры уый нæ фæнды.