Лозанайы, æппæтдунеон олимпион комитеты рабадтыл ист æскъуыддзагмæ гæсгæ, уырыссаг спортсментæ, кæцытæ допингы ист не сбæлвырд ис, зымæгон хъазтыты нейтралон тырысайы бын исдзысты хайад. Уæрæсейæн фæтобæ ис, 2018-æм азы олимпион хъазтыты хайадист. Олимпиадайы историйы уый у фыццаг цау, кæд æмæ доппинг-скандалы тыххæй нæ уыдзæн бæстæйы тырыса æвдыст.