Уæлзæхх метройы ног проект, Тбилис æмæ Руставы ссиу кæндзæн [видео]
Гуырдзыстоны хицауад æмæ Тбилисы мэриа уæлзæхх метройы проект райдаынц. Уый фæдыл инициативæйы – «Цъæх политикæйы» архайадон планы имплементацийы фыццаг этапы «Цъæх политикæ – Экотранспорт» презентацийы фæбæрæг ис.
Проектмæ гæсгæйæ, уæлзæхх метро фыццаг этапыл метростанцæ «Самгорийы» ссиу кæндзæн Лилойы базар æмæ аэропортимæ. Арæзтадон куыстытæ 2019 азы кæрон райдайдзысты. Сырæздзæн метростанцæ «Самгорийы»-йы модернизаци æмæ уæлзæхх метройы хаххимæ ссиу кæнын.
Самгори-Лилойы базар, Самгори –аэропорты хаххытыл метройы æхсæз сконд дыуæ æрдæм змæлдзæн. Æнхъæлмæ касты æнхъæлц рæстæг уыдзæн 10 минуты.
2021 ахæй 2022-æм азы кæронмæ эксплуатацимæ этапгай лæвæрд æрцæудзæн авд ног метростанцæ æмæ æнæхъæнæй ранæуæггонд метростанцæ «Самгори».
Метройы рапарахаты дыккаг этапыл план кæны Тбилис-Руставийы ссиу кæнын уæлзæхх метройы фæрцы. 2019 азмæ плангонд техникон-экономикон иртасыны æмæ экспертон хатдзæгы райсты фæстæ æвзæрст æрцæудзæн Тбилис-Руставийы иугæнæг оптималон маршрут.
Проекты фыццаг фазæйы, Самгори-Лилойы фадыгы сæххæстæн рауæлдай уыдзæн 90 милуан америкаг доллар.