Уæлвæткъ уавæрты куысты Гиорги Мгъебришвили системон реформæ уадзын райдыдта æмæ уагдоны хайадты къухдариуæггæнæг уæнгтимæ фыццаг кусæн фембæлд сарызта. Хицауадлы администрацийы пресс-куысты хъусинагæй, фембæлдыл Гиорги Мгъебришвили цæугæ реформæйы детæлтты фæдыл фæныхас кодта æмæ банысан кодта, цæмæй ивындзинады фæстæ, нысаниуæгджынæй фæфылдæргонд финансдзинадæй, ацы азы сырæздзæн зынгвæдисон-ирвæзынгæнджытæн социалон гарантиты фæхуыздæр æмæ системæйы нырыккон стандарттæм æмбæлон техникæйæ ифтонгад.
Системæйы кадрон ивындзинæдтæ дæр сæххæст уыдзысты. Абон Гиорги Мгъебришвили уæлвæткъ уавæрты агентады къухдариуæггæнæгæй, Александре Хвадагианийы бавдыста.
2018-æм азы фыццаг январæй, закъондæттæг ивдтыты бындурыл, паддзахадон æдадсзинады æмæ кризисты фæткъдар совет фæмацы ис. Сырæзт ног структурæ, уæлвæткъ уавæрты фæткъдар куысты, кæцы премьер-министры дæлбар у. Структурон ивдтыты фæлгæтты, уæлвæткъ уавæрты фæткъдар агентад, мидхъуыддæгты министрадæй рахицæн ис æмæ Гиорги Мгъебришвилийы уагдоны дæлбар ахызт.