Уæлвæтк  уавæрты фæткдæттæг куыст, температурæ рæзты фæдыл цæрджытæн рагфæдзæхст дæтты
Уæлвæтк уавæрты фæткдæттæг куыст, температурæ рæзты фæдыл цæрджытæн рагфæдзæхст дæтты

Уæлвæтк  уавæрты фæткдæттæг куыст, цæрджытæн рагфæдзæхст дæтты.  Уагдоны ахæлиугонд информацийы куыд у абнысангонд афтæмæй,  фидæн  бонты  дæргъы  хурыскæсæн  Гуырдзыстоны  лæудзæн  бæрзонд температурæ,  хурджын бонтæ, цæй  тыххæй  дæр рæзы   хъæды æмæ  быдыры  зынгсирвæзтыты рискъ.

Уæлвæтк уавæрты  фæткдæттæг куыст  цæрджытæм сиды, бæрзонд   æмбæстагон бæрн равдисынмæ.

«Хъусын уын кæнæм, цæмæй æввахс бонты хурыскæсæн   Гуырдзыстоны лæудзæн   бæрзонд температурæ  æмæ  хурджын бонтæ, цæй тыххæй  дæр  рæзы  хъæды æмæ  быдыры зынгсирвæзтыты риск.  Уæлвæтк уавæрты куыст гæнæн  зындзинæдтæй хибахизынæн уæм сиды,  равдисат бæрзонд  æмбæстагон   бæрн,  æмæ ма ссудзут  арт  хъæууон хæдзарадон  зæххытыл, хъæды кæнæ   быдырмæ  хæстæг  æмæ  ма ныууадзут   артдзæстытæ æнæхъусдардæй.

Зæрдыл бадарын хъæуы, цæмæй  цардуагон  баззайæггæгтæ  гæнæн ис  сæхæдæг сцырын уа, уый тыххæй  дæр  ма бырон кæнут   æрдз.

Спиллоны кæнæ  арт фæфиппайды  цауы та æнæаргъæвгæйæ фехуъсын кæнут   мидхъуыддæгты  министрады  æхсæнадон  æдасдзинады фæткдæттæг  центр «112», – банысангонд у  информацийы.