Уæллаг Поничъалайы стынды бынатыл агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ фесты
Уæллаг Поничъалайы стынды бынатыл агурæн-ирвæзынгæнæн куыстытæ фесты. Ирвæзынгæнджытæ стынды бынатыл мад æмæ йæ хъæбулы авд сахаты бæрц агуырдтой. Æвзонг сылгоймаг æмæ йæ æнахъом хъæбулы цæрæн хæдзары кæлдзæгты бын ссардтой. Мæрдтæ аластой прозектурæмæ.
Журналисттæн цауы бынатыл уæлвæтк уавæрты фæткдар куысты къухдариуæггæнæджы хæстæ æххæстгæнæг Шалва Хуцишвили куыд фехъусын кодота афтæмæй, агурæн куыстытæ тынг вазыджын уавæрты ацыдысты.
«ИРвæзынгæнæн операци фæцис. Куыстытæ тынг вазыгджын уавæрты цыдысты. Къултæ калд уыдысты æмæ къæйттæ та дæлæмæ хауд, уый тыххæй ныддаргъ ис процесс æмæ ирвæзынгæнджытæ рискъы аргъæй, тынг архæстгай куыстой. ССардæуыд мад æмæ хъæбул, кæцыты фæхæццæ кодтой прозектурæмæ. Фæнды мæ бинонтæнтæфæрфæс ракæнын» – райхъусын кодта Шалва Хуцишвили.
Агурæн ирвæзынгæнæн куыстыты фæстæ чысыл комментарий сарызта Тбилисы мэр Каха Каладзе.
«Стыр æнамонддзинад æрцыд, стыр трагедий. Фæхъуыд дыууæ адæймаг – мад æмæ чысыл сывæллон»- банысан кодта Каладзе.
Тбилисы Уæллаг Поничъалайы стынд, цæрæн корпусы абон æрцыд. Ацы рæстæгмæ увæг информацийæ, стынд расидтис æрдзон газ кæй рахъарыд уый, кæцыйы фæстиуæгæн та цæрæн корпусы 3-аг æмæ 4-æм уæладзыгтæ ныккалдысты. Афтæма, сыгъды центры реанимацион хайадмæ фæхæццæ кодтой стынды фæстиуæгæн зианбаййафæг æртæ уæнгы. Уыдон иу бинонты уæнгтæ сты. Сæ уавæр ацы рæстæгмæ у стабилонæй уæззау.