Уæлхох Аджарийы тагъд медицинон æххуысы автопаркъ æнæхъæнæй ранæуæг ис
Уæлхох Аджарийы тагъд медицинон æххуысы автопаркъ æнæхъæнæй ранæуæг ис.
Гуырдзыстоны куысты æнæнизхъахъхъæды æмæ социалон хъахъхъæды имнистрады информацийæ, абонæй, Кедайæн, Шуахев æмæ Хулойæн фæйнæ дыууæ медицинон инвентарæй ифтонггонд «Джипы» типы тагъд медицинон æххуысы автомобиль балæккад кæндзæн.
Афтæдæр сæ информацийæ, специалонæй вазыгджын рельефыл змæлдæн, Гуырдзыстоны куысты æнæниздзинадæмæ социалон хъахъъхæдыдады министрад, уæлвæтк уавæрты координацийы æмæ æнæаргъæвгæ æххуысы центрмæ, 22 «джипы» типы медицинон уагæй ифтонггонд спец-автомобилы 25-æм марты адæтта.
Министрады куыд хъусын кæнынц афтæмæй, абоны бонмæ уæлвæтк уавæрты координацийы æмæ æнæаргъæвгæ æххуысы центры автопаркъ æдæппæт баххæст ис, 232 ног, евростандарттæм æмбæлон медицинон æгъдауæй ифтонггонд спец-автомобилæй. Уыдонæй 10 реаномобилы клиникæты æхсæн уæззау пациентты транспортацийæн спайда кæндзысты. 222 тагъд медицинон æххуысы автомобильтæй – 80 астæуккаг æмæ 120 сты алкуыранмæ бацæуынæн бæзгæ, æрмæст 22 джипы типы автомобилæй та, гæнæн уыдзæн сæрмагондæй вазыгджын рельефыл змæлын.
Афтæдæр сæ информацийæ регионты автопаркъы ранæуæгы процесс, 2014 азы октбярæй райдыдта æмæ æнæаргъæвгæ медицинон æххуысы хъæд фæхуыздæр кæнын у йæ нысан.