Уацхæссæг кусы апарахаты стратегийыл
Проекты фæлгæтты, Гуырдзыстоны Европайы уацхæссæгты цæдисы бæрнонтæ –трансоформацийы сервисы къухдариуæг Саша Скот æмæ Радка Бетчева куыстон визитæй æрцæудзысты.
Медийы аудитори тынг тагъд цæуы ивд æмæ медиапродукты ивд хуыздæр ауæрæхы къуымæй ног уынд æмæ къахдзæфты авæрд æнæмæнг у.
Æхсæнадон уацхæссæгæн, цифрон платформæйы фæтыхджын нысаниуæгджын у, уымæн æмæ, фæстаг азты иртастытæ бавдыстой, цæмæй фæкъаддæр ис традицион медийы фадатæй информацийы ист æмæ рæзы социалон хызты æмæ цифрон платформæты пайдагæнджыты масштаб.
Æхсæнадон уацхæссæг, тагъд рæстæджы аудиторийæн BVOD (Broadcaster Video on Demand) сервис бавдисдзæн, кæцы оригиналон бирæхуызон продукты райсты ноджы къухбаххæсинаг æмæ комфортон сараздзæн.
Фыццаг къаналы генералон директор Тинатин Бердзенишвилийы фидиуæнмæ гæсгæ, ног хабар нæу, кæй фæивта медиапайдадзинад , афтæ дæр сæрæй кæронмæ уыд ивд меди дæр. Йæ ныхасмæ гæсгæ, апарахаты ног фæндæгты агуырд алы æхсæнадон уацхæссæгæн актуалон темæ у.