Гуырдзыстоны парламент медиимæ æмахастытæ дистанцион режиммæ хизы
Уый фæдыл Гуырдзыстоны фыццаг къаналæн медиимæ æмахастыты фарстаты парламенты сæрдары амонæг Миша Пеикришвили расидтис.
Йæ ныхасмæ гæсгæ, медийы бæрнонтæ парламентмæ бацæуын 20-æи мартæй нал суыдзæн сæ бон.
Гуырдзыстоны парламенты ног регуляци короновирусы апарахаты ауæрæхы тæссагдзинадæй бæлвырд кæнынц.
«Парламенты цæугæ комитет æмæ пленарон рабадтытæ, традиционæй уыдзæн æвдыст парламенты официалон веб-фарсæй, фейсбук æмæ æхсæнадон уацхæссæгы дыгкаг къаналы фæрцы», -банысан кодта Пеикришвили.
Гуырдзыстоны парламенты бæлвырд кæнынц, цæмæй превенцийы нормæтæ парламент нырма иу къуырийы размæ басидтис, медийæн рекомендацитæ æмæ апараты дистанцион режиммæ аконды фæдыл.