Туркаг медиа фæрæзтæ -АИШ Сирийы нафтæй дзаг Диер Эл-Зоры провинцийы дыууæ ног æфсæдтон базæйы амад райдыдта

АИШ Сирийы нафтæй дзаг Диер Эл-Зоры провинцийы дыууæ ног æфсæдтон базæйы амад райдыдта. Уый фæдыл информаци туркаг меди парахат кæны.

Рапарахатгонд информацимæ гæсгæ, Вашингтон регионы уæлæмхасæн 300 æфсæдтон, техникæ, уæзæзау хæцæнгарз æмæ тохгæнæг æрмæджытæ арвыста. Ног æфсæдтон базæтæ Диер Эл-Зормæ æввахс уыдзысты амад.

Сирийы цæгат фарсы, туркы æфсæдтон операцийы фæурæды фæстæ, АИШ-ы æфсæддæттæ арæнон зонайы патрулдзинад сног кодтой. Курттаг æфсæддæттон къордты ныхмæ туркаг æфсæддæттæ операци 9-æм октябры райдыдтой. 22 октябры та Турк-Уæрæсейы бадзырдæй, операци уыд урæд.