Турк-Гуырдзыстоны матчыл æрцæугæ  инциденты фæдыл, Гуырдзыстоны баскетболы  федераци  публикаци кæны фидиуæн#1TVSPORT
Турк-Гуырдзыстоны матчыл æрцæугæ инциденты фæдыл, Гуырдзыстоны баскетболы федераци публикаци кæны фидиуæн#1TVSPORT

 

Гуырдзыстон æмæ Турчы  матчы (88:83) рæстæджы  æрцæугæ инциденты  фæдыл, Гуырдзыстоны Баскетболы Националон Федераци  публикаци кæны фидиуæн.

Фидиуæны автортæ  сагъæс кæнынц  Турчы националон  баскетболы  æмбырдгонды сæйраг тренеры  провокацион архæйдтыты тыххæй, кæцы  фидиуæнмæ гæсгæйæ уыдис  уавæр  фæкарз кæныны æрдæм.

«Уый  йæхи нæ урæдта æнæцензурон  жестикуляцийæ,  куыд  матчы  арбитрты  афтæ уæвæг кæсджыты  æрдæм, йæ  æнæэтикон уагахаст, уæдмæ прессæйы æмæ стæй  пресс-конференцийыл  бирæ  хаттон   æфхæрæн  фидиуæнтæ  бандæвдтой  Турчы æмбырдгонд хъазджытæм, кæцыйы  дырыс  цæвиттон уыдис  Фуркан  Коркмазы  физикон агрессийы равдыст Гуырдзыстоны æмбыргонды  хъазджыты ныхмæ, кæцыйæ  уæлдай ма  æртхъирæнтæ  кодта æмæ   агрессивон дартта  йæхи… Æртхъирæны æмæ цардмæ хаъвды  фæдыл  сигналтæ уыд Турчы  æмбырдгонды  сæрхъызойты æрдгæй дæр, æнæ ив ахæм равгы  сигнал уыдис  æрвыст Гуырдзыстоны æмбырдгонды  хъазджытæм», – дзырдæуы фидиуæны.

Гуырдзыстоны баскетболы  националон федераци  куры  ФИБА-йæ  æмибæлгæ реакиркæнынад фæнысангонд фарстайыл, цæмæй  карз дзуапп уа  Турчы æмбырдгонды  сæйраг  тренеры  барæй сыххæст провокацион  уагахастыл.