Турчы сæрмагонд минæвар Сердар Килич – ныфс мæ ис, Ахалкалаки-Карсы æфсæнвæндаджы байгом афтæдæр фæтыхджындæр кæндзæн Турк, Сомихстон, Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны æхсæн цыппæрфарсон æмкуыстдзинад
Турчы сæрмагонд минæвар Сердар Килич – ныфс мæ ис, Ахалкалаки-Карсы æфсæнвæндаджы байгом афтæдæр фæтыхджындæр кæндзæн Турк, Сомихстон, Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны æхсæн цыппæрфарсон æмкуыстдзинад

Ныфс мæ ис, цæмæй ацы ног къахдзæф афтæ дæр фæтыхджындæр кæндзæн Турк, Сомихстон, Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны æхсæн цыппæрфарсон æмкуыстдзинад – ахæм дзуапп радта Никол Пашиняны фидиуæнæн Турчы сæрмагонд минæвар Сомихыстонимæ ахастыты нормализацийы фæдыл Сердар Килич.

Сомихыстоны хицауады сæргълæууæг раздæр расидтис, зæгъгæ, æфсæнвæндаг Ахалкалаки-Карс, Азербайджаны æфсæнвæндаджы хуызæн, ныридæгæн гом у Сомих экспорт æмæ импортæн.

“Ног къахдзæф Турк æмæ Сомихыстоны æхсæн комкоммæ базарады æрдæм нормализацийы процессы фæлгæтты. Ныфс мæ ис, ацы ног къахдзæф афтæдæр кæй сфидар кæндзæн Турк,Сомих, Азербайджан æмæ Гуырдзыстоны æхсæн цыппæрфарсон æмгуыстад æмæ бахæсдзæн нысаниуæгджын хайбавæрд регионалон сабырад æмæ стабилондзинадмæ, æнтыст хæсгæйæ æппæт ацы бæстæтæн”, — загъта туркаг дипломат.