Турчы конституцион тæрхондон бæстæйы Википедийы æрыхгæд æнæконституционыл банымадта
Турчы конституцион тæрхондон бæстæйы википедийы æрыхгæд æнæконституционыл банымадта æмæ сбæлвырд кодта, ома ацы факт зæгъгæ, йæ ныхмæ у адæймаджы бартæн æмæ сæрибардзинадæн.
Дунейы ставддæр онлайн-энциклопедийы пайдайæн скуыддзаг, Турчы конституцион тæрхондоны генералон ассамблейы рахаста.
2017 азы 29 апрелы Википедий, Турчы информацийы æмæ коммуникациты технологиты агентад æрыхгæдта. Агентады хъусинагæй, уый бар сын дæтта закъон, кæцы бæстæйы националон æдадсзинадæн тæссаг веб-фарсыты æрыхгæд домы.
Агентады хъусинагæй, зæгъгæ сæ фæндыд терроризмы фарсхæцæг контентыл блок сæвæрын, фæлæ æрмæст цалдæр статийы æрыхгæнын техниконæй нæ уыд гæнæн æмæ бахъуыд æнæхъæнæй Википедийы æрхгæнын.
Æнæкæсгæ официалон куырдатмæ, ахæлиугонд информаицмæ гæсгæйæ, Турчы президент Реджеб Тайип Эрдогъанæн йæ зæрдæмæ нæ цыд, Википедийы англисагæвзагон версийы йæхи тыххæй публикацигонд статий.
2018 азы Википедий социалон медийы райдыдта кампани хештегæй #WeMissTurkey, кæцыйы нысан уыдис Турчы хицауадмæ бандавын æмæ Википедийыл блокировкæ аивын.
Википедийы бардарæгы, америкаг «Фонд Викимедийы» хъасты бындурыл, конституцион тæрхондоны 10-æй 6 тæрхонгæнæг сбæлвырд кодтой, цæмæй Википедийы æрыхгæд, йæ ныхмæ у дзырды сæрибарæн.
Ныр Википедий афтæдæр æхгæд у Китайы.