Турчы хицауад Гуырдзыстоны хицауды сабырадон инициативæйæ райгонддзинад æвдисы

Турчы  хицауад  Гуырдзыстоны  хицауды  сабырадон   инициативæйæ райгонддзинад  æвдисы.  Турчы   минæварад  уый фæыдл  фидиуны  публикаци скодта социалон хызаг  Twitter-ы официалон  фарсыл.

«Райгонд стæм  сабырадон инициативæйæ –  «Къахдзæф  хуыздæр фидæны æрдæм»,   кæцыйы бавдыста Гуырдызстоны хицауад.  Турк æххæст æнцой  сиды,  Гуырдзыстоны территоритон  æнæхъæндзинад æмæ суверенитетæн » –  дзырдæуы фидиуæны.

Гуырдзыстоны премьер-министр Гиорги Квиркиашвили,  4 апрелы хицауады рабадтыл бавдыста  ног сабырадон инициативæ – «Къахдзæф  хуыздæр фидæны æрдæм»,   кæцы æххæссы æртæ  ардмадмæ: Фыццаг ардæмад  – администрацион джихгæнæг  хаххыты   дæргъмæ, базарад   апарахат кæнын  æмæ   фенондæр кæнын   ног  фадæтттæ  саразыны  фæндагæй; Дыккаг  ардæма –  хæрзхъæд  ахуырады   райсынæн уæлæмхас  фадæттæ сæвзæрын кæнын  æмæ   сæ æнцонвадат скæнын ахуырады  алы  æмвæзадыл,  куыд бæстæйы мидæгæй, афтæ  фæсарæнты дæр;  Æртыккаг Ардæмад та,   ахæм механизмы саразын у,  кæцыйы руаджы  æнцонвадат суыдзысты уыцы  дзæбæхдзинæдтæ  æмæ  пайда,   кæцытæ  бæстæйы  рæзынады  фæстиуæгæн,  уый нымæцы евроинтеграцийы ф æндагыл  фесты æнцонвадат –   æнæвизæ дыууæрдæм звæлды  бар,  сæрибар базарады бар.