Транспорты куысты раздæры хистæр, «Варкетили»-ы метройы , цары æркалдыл бæрн сæвæрдта æнæххæстбар æхсæнад «Геомепыл»
Тбилисы мерийы транспорты куысты раздæры хистæр, кæцы фæнысангонд постыл куыста Варкетилийы реабилитацигонд метройы эксплуатацимæ бацыды рæстæджы, цары æркалдыл бæрн сæвæрдта æнæххæстбар æхсæнад «Геомепыл».
Нугзар Чъеишвили Фыццаг Къаналæн куыд фехъусын кодта, афтæмæй, ай у тендеры уæлахизгонд компани, кæцы метройы реабилитацийы проект æрцæттæ кодта.
Нугзар Чъеишвили, кæцы ныр транспортон куысты хистæры хæдивæг у, æмбарын кæны, цæмæй «Геомеп» æрцæттæ кодта хатдзæг, кæцыйы мидæг фыст ис, цæмæй Варкетилийы метройы цары фидаргæнæнтæ, кæнæ зæронд конструкци, кæцыйыл æркæлыны размæ, ног цар бафидар кодтой, бæзгæ у зæгъгæ.
Уымæ гæсгæ дæр, Нугзар Чъеишвилийы дзырдæй, фæдагуырд рабæрæг кæндзæн чи у сæраг бæрнон цары æркæлыныл, кæцыйы фæстиуæгæн 14 адæймаг райстой зиæнттæ.