TRACECA-ы генералон нымæрдар - Гуырдзыстон иттæг нысаниуæгджын бæстæ у, Европæ æмæ Азийы алвæндагыл кæй лæууы уый тыххæй
Гуырдзыстон у иттæг нысаниуæгджын бæстæ, уымæн æмæ Азийы æмæ Европæйы алвæндагыл лæууы- уый фæдыл Трасекайы ( Европæ-Кавказ-Азийы транспортон къæлидоры» нымæрдарады генералон нымæрдар Мирча Чиоппрага райхъусын кодта, кæцы «Тбилисы Зæлдаг Фæндаджы Форумы» фæлгæтты, Гуырдзыстонмæ æрцыд.
«Форум нысаниуæгджын у трасекайæн, Китай æмæ Европæйы кæрæдзиимæ сбæттынæн. Гуырдзыстон иттæг нысаниугджын бæстæ у, уымæн æмæ Азийы æмæ европæйы алвæндагыл лæууы. Ацы форум ахъаз у бизнесæн, ифтонг кæны продукцийы æнцон транзит бизнес аразынæн æмæ бæстæйы прогресæн» – райхъусын кодта Трасекайы нымæрдарады генералон нымæрдар.
Зæлдаг фæндаджы форум ацы аз у, прецедентæ цæмæн нæй уый йас минæварджын. Мадзæлтты 60-ы онг бæстæйы 2000-æй фылдæр делегат исы хайад. Уазджыты æхсæн сты сыхаг бæстæйты вице-премьертæ æмæ министртæ, Евроцæдисы, Китайы, афтæма, æхсæнадæмон финансон институтты æмæ ставд бизнес компаниты минæвæрттæ.
Тбилисы Зæлдаг Фæндаджы Форум дыууæ бонон у 23 октябры фæуыдзæн.