Томас Хакер -  Тбилисы  фембæлдтыл  ныхас  кæнæм 12 рекомендацийыл
Томас Хакер - Тбилисы фембæлдтыл ныхас кæнæм 12 рекомендацийыл

Тбилисы уагъд  фекмбæлдтыл  ныхас  цæуы  12 рекомендацийыл, цæмæй  цавæр прогресс ис  ацы æрдгæй.

«Германийы бундестагы  Европаг   фарстаты  комитеты делегациимæ æрцыдтæн Гуырдзыстонмæ.  Кæй зæгъын æй хъæуы,  ныхас кæнæм  12 рекомендацийл æмæ нæ фæнды фенын, цавæр прогресс сын ис ам  Гуырдзыстоны, æмæ нæ  фæнды  баххуыс кæнæм  алыæрдгæй, цæмæй  бæстæ  суа  еропаг  æхсæнады  уæнг. Ацы  аз фæстæдæр  уынаффæ уыдзæн   Брюсселæй  æмæ  мах ам стæм, цæмæй   сбæрæг кæнæм.  Фембæлдтæ нын ис  парламенты æмæ комитеты сæрдæрттимæ, афтæма  коллегæтимæ  парламентæй», –   райхъусын кодта Томас Хакер.

Афтæма йæ дзырдæй,  фембæлд ауадздзысты  Юстицийы министримæ æмæ ацы фембæлдыл  Ника Гварамиайы фарстайыл  уыдзæн ныхас.

«Фембæлдзыстæм Юстицийы министримæ реформæты тыххæй.  Зонут, цæмæй  мын нæ раттой  бар ахæстоны  бæрæгдзау бацыдаин Ника Гварамиамæ æмæ юстицийы министримæ  ацы  темæйыл фæныхас кæндзыстæм.  Европарламент  æмæ Германийы бундестаг  йæ ахсты  æндæр æххосæгты бæсты  фылдæр политикон  мотивтæ  уыны, æмæ уый  у  медиайы сæрибардзинады хай, кæцы  къуылымпы кæны Гуырдзыстон плюралистон  æхсæнады,  плюралистон  паддзахады æрдæм  фæндагыл, æмæ  медиа  сæрибардзинад  иуæй-иу сæйраг фарста у 12 рекомендацийæ», – банысан кодта Германийы Бундестагы  Евроцæдисы  фарстаты комитеты уæнг, Томас Хакер.