Тобæгонд архайды тыххæй, Тбилисы иуæй-иу æхсæвы клубæн кусыны бар æрурæдта фæллойады инспекци
Оккупацигонд территоритæй лигъдæтты, фæлойады, æнæниздзинад æмæ социалон хъахъхъæды министрады фæллойады инспекцийы информацийæ, Тбилисы уæвæг иуæй-иу æхсæвы клубы, физикон гоймагы тобæгонд экономикон архайды факт рабæрæг ис.
Уагдоны хъусинагмæ гæсгæйæ, æмбæстаг Ахметелийы уынгыл уæвæг ивхæрсæн уагдоны æхгæд ивхæрсæн мадзалы организиаци кодта.
«Цæугæ азы 13 январы, Тбилисы Ахметелийы уынгыл уæвæг иуæй-иу æхсæвы клубы, министрады фæллойады инспекцийы, патрулон æмæ криминалон пъæлицæй, оперативон информацийыл æнцойæ, рабæрæг кодтой физикон гоймагы æрдгæй тобæгонд экономикон архайды факт.
Сæрмагондæй та, æмбæстаг ацы территорийыл уæвæг æхсæвы клубы æхгæд ивхæрсæн мадзалы организиаци кодта, кæцыйы хайад истой цалдæр дæсой адæймаг.
Уымæн, цæмæй фæнысангонд гоймагы раконд экономикон архайд у Гуырдзыстоны хицауады #322 уагæвæрдæй тобæгонд, физикон гоймаг фæивар ис 2000 ларийæ æмæ æхсæвы клубы архайды бар урæд æрцыд.
Уæвæг эпидемиологион уавæры тыххæй, фæллойады инспекци дарддæр кæны карз контрол рекомендацитæ сæххæсты фæдыл, цæмæй, иуы æрдгæй, æрцæуа алкæцы нæ æмбæстагы царды æмæ æнæниздзинады хъахъхъæд, æрмæст иннæрдгæй та, ма фесæфа æвæрццаг динамикæ коронавирусимæ тохы æрдгæй», – дзырдæуы информацийы.