Тъхъибулы архайæг алы шахтæ, фæдагуырды фæудмæ æхкæд æрцуæудзæн
Тъхъибулы  архайæг  алы  шахтæ,   фæдагуырды фæудмæ  æхкæд æрцуæудзæн

Тъхъибулы  архайæг  алы  шахтæ,   фæдагуырды фæудмæ  æхкæд æрцуæудзæн – уый фæдыл Имереты, Рачъа-Лечхумы æмæ Дæллаг Сванеты   полицийы  департаменты  хистæр   Бесик  Амиранашвили  райхъусын кодта.  Йæ  ныхæстæм гæсгæ,   дзырдæуы  25  шахтæйы  тыххæй.

Цыдæриддæр та  5  апрелы   Минделлийы   шахтæйы  æрцæугæ факты  фæдæвзарынмæ æххæссы,   Амиранашвилийы дзырдæй,   фæдагуырд зæгъгæ нырма нæ фæцис.

Дарддæр кæны  фæдагуырд,  уымæн æмæ  хъуыддаг  у  тынг вазыгджын æмæ гуырахстджын.  Фактонæй, фæдагуырд тыхыбын у  экспертизæйæ  экспкертизæмæ  хиза.  Фæдæвзарæг къордтæ  сæххæст кодтой   алы хъæугæ   мадзалы  фæнысангонд хъуыддагыл, уый  тыххæй  дæр  нал хъуыдис  шахтæты  æхгæдæй ныууадзын», – райхъусын кодта Бесик Амиранашвили.

Минделлийы  шахтæйы абон сæумæрайсом  трагеди æрцыд.  Цауы  амæттаг фесты  4  адæймаг. Ноджы æхсæз та  зиæнттæ райстой.   МХМ-ы  куыд хъусын кæнынц,  афтæмæй,   фæдæвзарæны  фыццагон   информацийæ,   Минделлийы   шахтæйы  иуæй-иу  тунелы  æнхъæлцау  метаны  стынды  фæстиуæгæн  къулты деформацийы тыххæй  æркалдис цар.   Фактыл фæдæвзарæн  райдыдта  Гуырдзыстоны тугтæрхоны барады кодексы 240-æм статийы  дыккаг  хайæ.

Тъхъибулы  шахтæйы бардарæг у  компани «Сакнахшири». Шахтæйы трагеди  цæугæ азы  5  апрелы  дæр æрцыд.  Уæд   цауы  фæстиæгæн 6  адæймаг  фæмард.