Тинатин Бердзенишвили - Закъондæттæн ивддзинадимæ баст фарстаты фæдыл фембæлдыл æрдзырдтам, цæмæй Уацхæссæджы финансдзинады уаг хъæуы ногæй æркæсын, æнæцудгæдæр скæнын, цæмæй Уацхæссæг ма фесафа хæдбарад, ацы æрдгæй нын ис æххæст разыдзинад
Шалва Папуашвили æмæ Къобахидзе Иракълэимæ фембæлдыл æрдзырдтам, цæмæй Уацхæссæджы финансдзинады уаг, кæцыйы хъуамæ æркастаиккой, ногæй æркæсой æмæ йæ æнæцудгæ скæной, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæг ма фесафа хæдбарад, æмæ нын ацы æрдгæй ис æххæст разыдзинад? – уый фæдыл, Æхсæнадон Уацхæссæджы генералон директор, Тинатин Бердзенишвили закъондæттæн ивддзинады тыххæй, парламенты сæрдар Шалва Папуашвилиимæ æмæ парти «Картули Оцнебайы» сæрдар Къобахидзе Иракълэимæ фембæлд фæстæ райхъусын кодта.
«Иттæг нысаниуæгджын æмæ хъæугæ фембæлд уыд, афойнадон дæр. Фæныхас кодтам æмæ æрдзырдтам, цæмæй финансдзинады уаг ногæй æркæсын хъæуы æмæ йæ æнæцудгæ скæнын, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæг ма фесафа хæдбарад. Уый фæдыл нын ис æххæст разыдзинад.
Афтæдæр, фæныхас кодтам уый фæдыл, цæмæй Æхсæнадон Уацхæссæгы æмæ бæстæйæн адекватон финансдинад хъуамæ уа. Дзырдæуы моделыл, кæцыйæ стæй Æхсæнадон Уацхæссæг адарддæр кæндзæн кусын. Махæн сæрæйдæр зынгæ уыдис уыцы факт, ома фиксиргонд суммæ Æхсæнадон Уацхæссæджы тыхыбын скодтаит, æрвылазонæй ракуырдтаит уæлæмхас бюджет. Ацы модел нал уыдзæн каст æмæ ахиздзыстæм ивгæмæ, кæцы уыдзæн адекватон финансдзинады гуырæн Æхсæнадон Уацхæссæгæн.
Æрдзырдтам уый фæдыл дæр, ома фыццаджы дæр хъахъхъæд уыдзæн Европæйы Уацхæссджыты æмæ æмтгæй зæгъгæйæ европæйы зонæйы уæвæг фæткæвæрд æмæ регуляцитæ. Растдæр ацы стандартыл баззайдзæнис Æхсæнадон Уацхæссæг», – райхъусын кодта Тинатин Бердзенишвили.
Закъондæттæн ивддзинады фæдыл, Æхсæнадон Уацхæссæджы генералон директор Тинатин Бердзенишвили æмæ æвджиддар советы сæрдар Васил Магълаперидзе фембæлдысты Шалва Папуашвили æмæ Къобахидзе Иракълэимæ.