Тинатин Бердзенишвили сылгоймæгты æхсæнадæмон  боны бакæндзæн «Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы» вебинар
Тинатин Бердзенишвили сылгоймæгты æхсæнадæмон боны бакæндзæн «Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы» вебинар

Сылгоймæгты  æхсæнадæмон бон  «Европæйы Уацхæссджты Цæдис» (EBU)  ауадздзæн  вебинар, кæцыйы  бакæндзæн  Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы   генералон директор, «Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы»  гендерон   æмбарады къорды къухдариуæггæнæг  Тинатин Бердзенишвили.

8 марты сылгоймæгты  æхсæнадæмон бонмæ гæсгæ, «Европæйы   Уацхæссджыты Цæдис»  рæнхъ мадзæлттæ  план кæны, кæцытæ дунейы  гендерон  балансы  æрдгæй   цы прогресс ис  æмæ ацы æрдгæй   нырма цы быцæусидтытæ ис уыдонæн нывонд сты.  Виртуалон  мадзæлтты  темæ   Æхсæнадон медийы  сылгоймæгты  минæварад у.

Сессийы  рæстæджы, Тинатин Бердзенишвилимæ  баиу уыдзæн  «Европæйы  Уацхæссджыты Цæдисы» уæнгтимæ ахастыты æмæ коммуникацийы  директор  Ванеса  О’Конор Европæйы æндæр уацхæссджыты минæвæрттæ, сæ нымæцы  ВВС-ы, ZDF, ARD, Rai,LRT æмæ  RTE-йæ.  Фæстæдæр   Тинатин Бердзенишвили  хайад райсдзæн  дискуссийы, кæцы  баххæсдзæн  къухдариуæггæнæг сылгоймæгтæ  цы  быцæусидты раз лæууынц  уымæ.

Тинатин Бердзенишвили  афтæдæр  фæныхас кæндзæн  уыцы  къахдзæфты фæдыл, кæцытæ  уый  сарызта  Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы   гендерон баланс фæхуыздæр кæнынæн. Фæнысангонд  панелы  трансляци цæудзæн  социалон хызаг  «Инстаграммы».

бон  «Европæйы Уацхæссджты Цæдисы» банысан кодтой, цæмæй  æхсæнадон медийы  кусджыты  45% сты сылгоймæгтæ ( кæцы 6%-æй фылдæр  æнæхъæнæй медийы  уæвæг  бæрæггæнæнæй), кæцытæ  тынг æнтыстджын  вæййынц  къухдариуæггæнæг   позицитыл.