Тинатин Бердзенишвили сылгоймæгты æхсæнадæмон бонмæ гæсгæ бакæндзæн «Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы» вебинар
Сылгоймæгты æхсæнадæмон бон «Европæйы Уацхæссджты Цæдис» (EBU) ауадздзæн вебинар, кæцыйы бакæндзæн Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы генералон директор, «Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы» гендерон æмбарады къорды къухдариуæггæнæг Тинатин Бердзенишвили.
8 марты сылгоймæгты æхсæнадæмон бонмæ гæсгæ, «Европæйы Уацхæссджыты Цæдис» рæнхъ мадзæлттæ план кæны, кæцытæ дунейы гендерон балансы æрдгæй цы прогресс ис æмæ ацы æрдгæй нырма цы быцæусидтытæ ис уыдонæн нывонд сты. Виртуалон мадзæлтты темæ Æхсæнадон медийы сылгоймæгты минæварад у.
Сессийы рæстæджы, Тинатин Бердзенишвилимæ баиу уыдзæн «Европæйы Уацхæссджыты Цæдисы» уæнгтимæ ахастыты æмæ коммуникацийы директор Ванеса О’Конор Европæйы æндæр уацхæссджыты минæвæрттæ, сæ нымæцы ВВС-ы, ZDF, ARD, Rai,LRT æмæ RTE-йæ. Фæстæдæр Тинатин Бердзенишвили хайад райсдзæн дискуссийы, кæцы баххæсдзæн къухдариуæггæнæг сылгоймæгтæ цы быцæусидты раз лæууынц уымæ.
Тинатин Бердзенишвили афтæдæр фæныхас кæндзæн уыцы къахдзæфты фæдыл, кæцытæ уый сарызта Гуырдзыстоны Æхсæнадон Уацхæссæджы гендерон баланс фæхуыздæр кæнынæн. Фæнысангонд панелы трансляци цæудзæн социалон хызаг «Инстаграммы».
бон «Европæйы Уацхæссджты Цæдисы» банысан кодтой, цæмæй æхсæнадон медийы кусджыты 45% сты сылгоймæгтæ ( кæцы 6%-æй фылдæр æнæхъæнæй медийы уæвæг бæрæггæнæнæй), кæцытæ тынг æнтыстджын вæййынц къухдариуæггæнæг позицитыл.