Тинатин Бердзенишвили - Никæмæн ратдзынæн бар, Фыццаг Канал иргъæвон позицийы слæууын, алкæцы нæ журналисты сæрыл хæцæг уыдзынæн
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директоры, Тинатин Бердзенишвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ цыфæнды формæйæ тыхмидзинад æнæруадзгæ æмæ нæрайсгæ у.
Афтæма йæ ныхæстæм гæсгæ, æнæруадзгæ у журналисттæм бырсын сæ профессион хæстæ куы æххæст кæнынц уæд.
Бердзенишвилийы фидиуæнæй, зæгъгæ Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы кусджыты бартæ бахъахъхъæнынæн тох кæндзæн барадмæ гæсгæйæ.
«Фыццаг Канал архайдзæн барадмæ гæсгæйæ, цæмæй бахъахъхъæна йæ алы кусæгы бартæ, æмæ барадмæ гæсгæ æрцæуæм уымæ, цæмæй фыдгæнæнг æрцæуа æфхæрд – уый иунысанонæй. Фæнды мæ ноджы иу фарстайы æрдæм хъусдард раздахын. Знон та нырид нæ кусджытæм æмæ журналисттæм балæбурдтой? Фæзылынджын сæ кодтой,цæвиттон журналист кæцыйы знон фæнадтой æмæ зиангонд у, нæ баххуыс кодтой нæ кусджытæ зæгъгæ. Уый у мæнг æмæ политикон скæнджыты æрбаласт медиа-тыгъдадмæ. Нæй гæнæн Æхсæнадон Уацхæссæджы журналисттæ кæддæриддæр уой лæбурдты объектæй, нæй гæнæн, цæмæй кæмæндæр цыдæр митæ батайа æмæ махæн та æнæруадзгæ уа. Кæнæ та нæ коллегиалон ахаст домой æрмæст махæй, æмæ сæхæдæг та нæм лæбурдытæ кæной. Никæмæ ратдзынæн бар, Фыццаг Канал тыхыбын бакæной иргъæвон позицийы слæууын, кæддæриддæр уыдзынæн нæ алы журналисты сæрылхæцæг. Алцыппæт сараздзыстæм барадмæ гæсгæйæ, нæ журналистты хъахъхъæды æрдгæй дæр алы организацийæн фехъусын кæндзыстæм, баиргъæвæт нæ журналистты, уыцы журналистты, кæцытæ æцæгдæр сты нейтралон, хицауы интерестæй абсолютонæй æвдæлон», – райхуъсын кодта Тинатин Бердзенишвили.
Марнеулы, «Гуырдзиаг Бæллиццы» æмæ «Националон Змæлды» активистты быцæудзинад æрцыд. Зиæнттæ райстой цалдæр адæймаг. Физикъонæй бафхæрдтой Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы операторы, ныцъцъæл йын кодтой видеокамера дæр. Инциденты рæстæджы зиæнттæ райста «Мтавари Архи»-ы журналист. Æрцæугæйы фæдыл райдыдта фæдаугырд, журналистон куыст куылымпы кæныны фактыл.