Тинатин Бердзенишвили – Гуырдзыстоны парламенты æмæ Æхсæнадон Уацхæссæг æмгуыстад абон ног формæ исы, меморандум йæ хъуыдыйы дары парламентон мадзæлтты комкоммæ трансялци радæттын
Тинатин Бердзенишвили – Гуырдзыстоны парламенты æмæ Æхсæнадон Уацхæссæг æмгуыстад абон ног формæ исы, меморандум йæ хъуыдыйы дары парламентон мадзæлтты комкоммæ трансялци радæттын

Гуырдзыстоны парламент æмæ   Æхсæнадон Уацхæссæгы æмгуыстады абон ног формæ исы æмæ меморандум йæ  хъуыдыйы дары  регламентæй  бæрæг   парламентон мадзæлтты  комкоммæ  трансляци, – уый фæдыл  Гуырдзыстоны  Фыццаг Каналы  генералон дитректор Тинатин Бердзенишвили  Æхсæнадон Уацхæссæгы æмæ  Гуырдзыстоны парламенты æхсæн  æмгустады   меморандум бафыссыны фæстæ   райхъусын кодта.

«Мах, афтæ куыд Европæй Уацхæссджыты Цæдисы 56 бæстæйы 1120  организаци, разы стæм  иумæйаг аргъдзинæдтимæ æмæ  æвзæрын кæнæм иумæйаг  æууæнкаг  медиа экосистемæ, кæцыйы  æндæр æмæ æндæр бæстæйы  парламент æмæ Æхсæнадон Уацхæссæг   æндæр æмæ æндæр формæйæ  арæзæм æмкуыст кæнынц, цæмæй  сифтонг кæной  закъондæттæг органы  æмæ йæ куысты  фæдыл информацийы  цæрлдытæн рæувадатдзинад, кæцы йæхи æрдгæй  информиргонд æмæ  тыхджын  æхсæнады саразынæн у ахъаз.

Дунейы Е парламенты афæдзы хыгъдлæвæрдмæ гæсгæйæ,  дунейы масштабæй, уыцы парламенттæй,  кæцытæ  трансляцийæн  телеуынынадон каналтæй  пайда кæнынц, 52% ис сæрмагонд телеканл, 48 процент пайда кныныц  æндæр  телеуынынадон каналты рæстæгæй.  Афтæма сæ ис  сæрмагонд  онлайнтелеуынынад, фæлæ  фылдæр пайда кæнынц  уацхæссынады иуæй фылдæр методæй, уымæн æмæ цифрон  информацион платформæты  глобалон рæззтмæ нæкæсгæ, телеуынынад  зайы  тинформацийы сæйраг  суадонæй  куыд  æппæт Дунейы, афтæ Гуырдзыстоны дæр.

Уырны мæ, цæмæй  хæдбар Æхсæнадон Уацхæссæг  у нæ бæстæйы иуæй-иу  нысаниуæгджындæр  æнтыст.  Уымæн хъæуы  йæ къух саразын æмæ  стынг кæнын æмæ мæ  хъуыдымæ гæсгæ, Æхсæнадон  Уацхæссæг  у демократон  æхсæнадон бындур.  Уый тыххæй  дæр ацы ахасты цæстуынгæ дæнц у  абоны бон» –  загхта Тинатин Бердзенишвили.

хсæнадон Уацхæссæгы  æмæ Гуырдзыстоны парламенты æхсæн  æмгуыстады  меморандум  абон бафыстæуыд.

Къухæвæрд документмæ гæсгæйæ,   Гуырдзыстоны  парламент  æмæ   Æхсæнадон Уацхæссæг   æмкуыт кæндзысты  парламенты,   Парламентон  каналы  скусын кæныны æрдгæй, кæцы йæ хъуыдыйы дары  регламентæй  бæрæг парламентон мадзæлтты  трансляци,  кæцыйы мидисыл, афон æмæ  хронометражыл  бæрнон у   парламент, æрмæст Æхсæнадон Уацхæссæг та ифтонг кæны  комкоммæ трансляцийы рæувадатдзинад.