Тинатин Бердзенишвили горæт Бонны конструктивон журналистикæйы цыппæрæм глобалон конференцийы райста хайад
Гуырдзыстоны Фыццаг Каналы генералон директор, Тинатин Бердзенишвили горæт Бонны конструктивон журналистикæйы цыппæрæм глобалон коонференцийы райста хайад.
Панелыл «Цæмæн сывзарынц медиалидертæ конструктивон журналистикæ, куыд редакцион стратегийы»- æркастысты ахæм фарстатæ цахæм дæр сты: поляризаци, куыд радон пандеми; демократийы, медийы æмæ политикæйы æрдæм æууæнк фæкаддæры уавæрты ног хабæрттæ рухс кæныны ногæй æрæмбарын. Афæтма бавдыст уыд фарстытæ, куыд срухс кæнæм хæст æмæ конфликт конструктивонæй.
Тинатин Бердзенившилиимæ иумæ, панелы хайад райстой Данийы телеуынынады директор, æххæстгæнæг редактор æмæ «Доче Велле» Азийы департаменты къухдариуæггæнæг.
«Нæ социумы, афтæмедиайы дæр ис поляризацийы бæрзонд æмвæзад. Ис фарст, нæ зæрдæмæ цæуы æви нæ цы цæуы уый æппæт? Бæрæг у,- нæйы. Нæ цæуы нæ зæрдæмæ, цæмæй не стæм хуыздæр æмæ хъуамæ фæивæм. Куыд? Райдыдтам æндæр æмæ æндæр амæлттæ бацагуырд. Удцырын уыдыстæм Ульрик Хаагерупы чиныгæй, кæцы æнæхъæн балæн уыдис тынг цымидисон. Тынг тагъд æй ратæлмац кодтам æмæ нæ ньюсрумы сарызтам презентаци. Æндæр æмæ æндæр æрдæмадты журналистты баиу кодтам, фæлæ ныр алчи æмбары, цæмæй уый у иу тыгъдад æмæ нæ алкæй фæнды уæм конструктивон» – загхта Тинатин Бердзенишвили.
Бакой уын кæндзыстæм, нырид цалдæр мæй у Гуырдзыстоны Фыцаг Канал, ног хабæрттæ срухс кæныны ног æмæ Европæйы акæнæг бæстæты ныридæгæн бæлвырд стандарт – конструктивон журналистикæ фидар кæны.
Æхсæнадон Уацхæссæджы 11 журналист нрид ацыдысты курс Данийы, Орхусы университеты конструктивн журналистикæйы институты. Бацæттæйы процесс 2022 азы сентябры адарддæр уыдзæн.