Тина Бокучава - Оккупацийы проблемæ арæны демаркацийы проблемæйы æмхуызоныл банымайын нæй гæнæн
Сæрыфыццаг проблемæ, кæцы бæстæйæн серьозон тас хæссы у оккупаци æмæ нæй гæнæн уый сæмбæрц кæнын æндæр, фæнды арæны демаркацмйы проблемæимæ, хæларзæрдæ ахаст дарæг бæстæимæ, цахæм дæр у Азербайджан – уый фæдыл «Националон Змæлды» уæнг, Тина Бокучава райхъусын кодта, кæцы коментари дæтта президент Саломэ Зурабишвилийы куырдиатæн.
Бокучавайы дзырдæй, зæгъгæ абоны хицауадмæ, нæдæр хæлар æмæ нæдæр знаг паддзахадтимæ проблемæты аскуыддзагы ресурс нæй.
«Фыццаг æмæ стратегион проблемæ, кæцы бæстæйæн хæссы серьозон тас у оккупаци æмæ нæй гæнæн уый æмхуызоныл банымайын кæцыфæнды æндæр проблемимæ, фæнды арæны демаркацийы проблемæимæ, хæлар паддзахадимæ, цахæм дæр у Азербайджан. Ацы проблемæйы аскуыддзаг кæнын ис гæнæн политикон форматы, фæлæ хъыгагæн, бæстæйæн ахæм хицауад ис, кæцымæ нæдæр хæлар æмæ нæдæр знаг паддзахадтимæ проблемæты аскуыддзагы ресурс нæй.
Сæрмагондæй та уый рæсурс нæй а.х. президентмæ, кæцы у бутафорион æмæ йын президенты бынат Иванишвили балхæдта. Цыфæнды фарста, кæцымæ уый бавналы, сæфт цæуы, скандалæй сæ скæны æмæ серьозон тасы бын бакæны нæ бæстæйы интерестæ» – райхъусн кодта Тина Бокучава.
Бакой уын кæндзыстæм, Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили, Гуырдзыстоны Фыццаг Къаналы алæвæрд «Сæрибар Цæстæнгасæн» лæвæрд эксклюзивон интервьюйы, Давит Гареджийы тыххæй фарсты дзуаппæн райхъусын кодта., цæмæй зæгъгæ «Кæронмæ хъуамæ сыххæст уæм куыд паддзахад, æмæ уымæн та æнæмæнгхъæугæ у нæ арæнтæ уа нырма бæрæг æмæ стæй та хъахъхъæд».