Тина Бокучава хъусын кæны, цæмæй оппозицион партитимæ ног æвзæрстытæ ауадзыны фарстайыл консультацитæ цæуынц
«Националон Змæлды» уæнг Тина Бокучавайы фидиуæнæй, ЦÆК-ы æрдгæй развæлгъау фæстиуджыты публикаци кæнын куылымпы кæнынц, уый тыххæй æмæ цыдис æвзæрстыты фæмæнг кæныны процесс.
Афтæма йæ ныхæстæм æгсгæ, стыр горæтты, сегасдæр бæлвырдæй фæуæлахиз ис оппозици.
«Знон æнæхъæн æхсæвы дæргъы цыдис нæуырнинаг масштабæй фæмæнг кæныны процесс, кæцы фæкуылымпы кодта ЦÆК-ы развæлгъу фæстиуджыты райхъусын кæнын. Сæрмагондæй уый цыдис стыр горæтты, уымæн æмæ ацы рæтты бæлвырдæй рамбылдта оппозици, афтæ уыд Кутаисы дæр, цы ран фæуæлахиз ис Григол Вашадзе æмæ ныр Цæк архайы, цæмæй ацы уæлахиздзинад байсын, фæлæ «Григол Вашадзе æмæ Националон Змæлодæн» нæ фæлæ, байсын гуырдзиаг адæмæн. Æвзæрстытæ сты сегасдæр фидар демокративон инструмент, кæцы ис демокративон бæстæйы æмбæстагæн, уый байсын архайы растдæр Бидзина Иванишвили. Цæй зæгъын æй хъæуы, уый фадат йын нæ ратдзыстæм» – загъта Тина Бокучава.
Тина Бокучава дзуры, цæмæй ног æвзæрстыты ауадзыны фарстайыл оппозицион партитимæ цæуынц консультацитæ.
«Мах æнæаскуынгæ координацийы стæм æндæр оппозицион партитимæ. Федтат цæмæй знон æхсæв активон режимы райдыдтой консультацитæ. Абон дарддæр кæнæм ацы консультацитæ æмæ алкæмæн сидын, æнæкæсгæ уымæ, цæмæй цы æвзарæн сарызтой оппозицион партийæн куы схъæлæс кодтой йеуæд, цæмæй абон цыппар сахатыл рацæут уынгмæ, уымæн æмæ ныр сегасдæр сæйраг у нæ барты сæрыл рахæцæм.
«Националон Змæлды» нымайынц, цæмæй ахæм фæмæнг кæныны фоныл, ацы æвзæрстыты фæстиуджыты легитимацийы анымад тынг зын уыдзæн. Уымæ гæсгæ дæр нын иис консультацитæ æндæр оппозицион партитимæ, цæмæй ацæуа ног æвзæрстытæ, ног æвзарæнон администрациимæ. Кæд хицауад аскуыддзаг кодта уый ма саразын, уæд оппозици хъуамæ зæгъа «нæ» парламентон царды хайадыл, уымæн æмæ уый уыдзæн парламент, кæцы сырæзт адæмы сæрибар фæнды равдисынæй нæ фæлæ фæмæнггонд æвзæрстытæй» – банысан кодта Тина Бокучава.