«The Wall Street journal» фыссы, цæмæй  Зелимхан Хангошвилийы  марæгы ссæрибар кæныны бæсты, гæнæн ис  æркурой Алексей Навальныйы  ссæрибар кæнын дæр
«The Wall Street journal» фыссы, цæмæй Зелимхан Хангошвилийы марæгы ссæрибар кæныны бæсты, гæнæн ис æркурой Алексей Навальныйы ссæрибар кæнын дæр

«The Wall Street journal»-ы информацийæ,  Берлины  мард  Гуырдзыстоны æмбæстагы,  мыггагæй  цæцæйнаг Зелимхан Хангощшвилийы   марындзинады  зылынмæ лæвæрд  Вадим Красиковы  ссæрибар кæныны бæсты,  ныгуылæны тæрхон кæнынц,   уырыссаг оппозиционер Алексей Навальныйы  ссæрибар кæнын æрдомын.

Рауагъдад  куыд  фыссы афтæмæй,  зæгъгæ Уæрæсе архайы  баххæсса  Красиковы  ссæрибар кæннымæ, кæцы æфхæрды æмгъуыд æрвиты  Германийы ахæстоны.

«The Wall Street journal»-имæ  ныхасы анонимон  равзæрæн  хъусын кæны, цæмæй   уый бæсты, АИШы фæнды ссæрибар кæна Уæрæсейы ахсты уæвæг  АИШ-ы æмбæстæгты.  Сæрмагондæй та  дзырдæуы  денджызон фистæг   Пол Уиланы æмæ «The Wall Street journal»-ы  корреспондент  Эван  Гершковичы фæдыл.

Статийы куыд у банысангонд афтæмæй,   уыимæ иумæ, кастæуы  ахæстты бирæфарсон баивд дæр, кæцы баххæсдзæн  ныгуылæны бæстæты тæрхонмæ лæвæрд  Уæрæсейы æмбæстæгты баивынмæ, Уæрæсейы  ахсты уæвæг  фæсарæйнæгты æмæ  уырыссаг диссиденттыл, сæ нымæцы гæнæн ис   уа уырыссаг  оппозиционер  Алексей Навальный.

Рауагъдад куыд фыссы,  афтæмæй  Зелимхан Хангошвилийы  марындзинады  тыххæй  ахст  Краисковы  баивды фæдыл бадзырдтæн «прогноз саразын гæнæн нæй».

Гуырдзыстоны æмбæстагы, равзæрдæй  цæцæйнаг Зелимхан Хангошвилийы  Берлины  2019 азы  амардтой.  Германийы тæрхондон рабæрæг кодта, цæмæй  уыйы Уæрæсейы  хицауады  барамындæй амардтой.